Патриарх Кирилл хорзыл банымадта Аланийы Дзуарæфтыды 1100 азы цытæн мадзæлттæ

Рафыссын
Аланийы Дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæстæн нывонд мадзæлттæ уагъд цæудзысты 2022 азы

ЦХИНВАЛ, 31 янв — Sputnik. Мæскуыйы æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кирилл хорзыл банымадта Аланийы Дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты ауагъд, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ. Уый тыххæй дзырд цыд патриархы фембæлды рæстæджы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ Даниловаг моладзандоны.

Репродукция картины П.П. Рубенса Тайная вечеря - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аланийы чырыстон дины райсты 1100 азы юбилеймæ РЦИ ацæудзæн хуызфыссынады конкурс

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг фехъусын кодта патриархæн, куыд цæуынц реализаци "Аланийы Дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæсты тыххæй" президенты барамынды цы мадзæлттæ нысангонд сты, уыдон.

"Нысаниуæгджын датæйæн, кæцы хъавынц банысан кæнын æппæт Уæрæсейы масштабы 2022 азы, ис стыр историон æмæ культурон нысаниуæг Ирыстоны æппæт цæрджытæн, кæцытæн сæ фылдæр хай сты чырыстонтæ. Ныридæгæн Дзæуджыхъæуккаг епархиимæ иумæ бацæттæ кодтам нывæзт, арæзт æрцыд оргкомитет æмæ кусæгон къорд ацы масштабон мадзал бацæттæ кæныны фæдыл", — загъта Битарты Вячеслав.

Патриарх Мæскуыйаг банысан кодта, уæрæх нывæзты æнтыстджын сæххæст кæй фæахъаз уыдзæн культурон царды райрæзтæн, историон цыртдзæвæнты реставрацийæн, уыдоны ʻхсæн кувæндæтты сæндидзын кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0