Дзæуджыхъæуккаг пенсиисæгæн стæрхон кодтой 9 азы наркотиктæ уæй кæныны тыххæй

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæТæрхондон
Тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азымгонд йæ аххосыл æххæстæй нæ басаст, фæлæ æрбавдисгæ æвдисæйнæгтæ фаг уыдысты тæрхондонæн, цæмæй йын рахастæуа зылыны тæрхон фараст азы ахæсты баонды хуызы

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны цæрæг сылгоймагæн рахастой зылыны тæрхон сусæг бынæтты æвæрыны хуызы наркотикон буарадтæ уæй кæныны тыххæй, хъусын кæны республикæйы прокуратурæйы пресс-службæ.

2017 азы февралы 65-аздзыд фыдвæндгæнæг æнæзакононæй балхæдта наркотикон буарад героин, 6-моноацетилморфин æмæ ацетилкодеин, адих сæ кодта 53 тыхтоныл. Наркотиктæ уæй кæныны тыххæй сæ фыдгæнæг нывæрдта, Дзæуджыхъæуы территорийыл цалдæр сусæг бынаты, фæлæ йын йæ фыдгæнон архайд уайтагъд раргом кодтой барадхъахъхъæнг органты кусджытæ.

Азымгонд йæ аххосыл æххæстæй нæ басаст, фæлæ æрбавдисгæ æвдисæйнæгтæ фаг уыдысты тæрхондонæн, цæмæй йын рахастæуа зылыны тæрхон фараст азы ахæсты баонды хуызы.

Ног хабӕртты лентӕ
0