Ӕгъуызарты Тамерланы фаззон ӕфсымӕр ссис РЦИ-А сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг

© Газета "Слово"Ӕгъуызарты Мурат
Ӕгъуызарты Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый размӕ Ӕгъуызарты Мурат уыд Цӕгат Ирыстоны федералон регистрацион службӕйы управленийы сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны парламенты депутат Ӕгъуызарты Мурат ссис Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг, хъусын кӕны 15-Регион.

Ӕгъуызарты Мураты цалынмӕ ӕртыккӕгӕм ӕрсидты парламенты депутатӕй нӕ равзӕрстой, уӕдмӕ куыста Дзӕуджыхъӕуы Промышленон районы тӕрхондоны федералон тӕрхонгӕнӕгӕй ӕмӕ республикӕйы парламенты паддзахадон-барадон управленийы сӕргълӕууӕгӕй.

Афтӕ ма у Федералон регистрацион службӕйы цытджын кусӕг. Ис ын риуылдарӕн нысан "Ӕнӕфау куысты тыххӕй". 2005 азы йӕ сӕвӕрдтой Цӕгат Ирыстоны федералон регистрацион службӕйы управленийы сӕргълӕууӕгӕй, цы ран фӕкуыста 2017 азмӕ.

55-аздзыд Ӕгъуызарты Мурат у республикӕйы раздӕры сӕргълӕуууӕг Ӕгъуызарты Тамерланы фаззон ӕфсымӕр, кӕцы фӕзиан ис 2016 азы февралы.

Ног хабӕртты лентӕ
0