Бӕхты дугътӕ Беслӕны ӕрӕмбырд кодтой Уӕрӕсейы хуыздӕр барджыты

© Пресс-служба главы РСО-АланияБӕхты дугътӕ Беслӕны
Бӕхты дугътӕ Беслӕны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбон ацыд Стыр Фыдыбӕстӕйы хӕсты фӕуӕлахизыл 73 азы сӕххӕсты цытӕн, бӕхты дугъты уыдысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕуджытӕ

ЦХИНВАЛ, 14 май — Sputnik. Беслӕны ипподромы ауагътой бӕхты дугътӕ Стыр Уӕлахизы боны цытӕн, хъусын кӕны газет "Слово". Стыр бӕрӕгбон ӕрӕмбырд кодта 88 иууыл хуыздӕр барӕджы Уӕрӕсейы регионтӕй.

Трибунӕтыл уыдысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕуджытӕ дӕр — Бибылты Анатолий ӕмӕ Битарты Вячеслав. Мадзалы уазджытӕ уыдысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветерантӕ.

Ӕхсӕзӕм бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсӕзӕм бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны

"Ацы ерыстӕ мах нывонд кӕнӕм хъайтартӕн, кӕцытӕ сӕ туг фӕкалдтой сӕ фыдыбӕстӕ ӕмӕ уӕлахизы тыххӕй. Мӕн уырны, бӕхты дугътӕ Беслӕны ипподромы кӕй суыдзысты хорз традици, ӕмӕ Ирыстон та суыдзӕн ахӕм бынат, кӕдӕм тырндзысты хъӕбатыр барджытӕ иууылдӕр, цӕмӕй фенын кӕной сӕ дӕсниад ӕмӕ уӕлахизмӕ тырнындзинад", — банысан кодта Битарты Вячеслав дугъты байгомы церемонийы.

Бӕхты дугъты ӕппӕтӕй уыд фараст азгъорды, цы ран хайад райстой бӕхтӕ ӕмӕ барджытӕ бӕстӕйы алыгъуызон регионтӕй. Сӕйраг приз рамбылдта барӕг Шамиль Хатков. Йӕ хорзӕх ын радтой Битарты Вячеслав ӕмӕ Бибылты Анатолий.

Иумӕйаг призон фонд уыдис дыууӕ милуан сомӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0