Фӕстаг алайнаг паддзахӕн цырт саразыныл ӕрдзырдтой Цӕгат Иры

Рафыссын
Амӕйразмӕ республикӕйы Нывгӕнджыты цӕдис сарӕзта Ос-Бӕгъатыры цырты эскизон проектты конкурс

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сфӕлдыстадон ӕмӕ зонадон интеллигенци ӕруынаффӕ кодтой фӕстаг алайнаг паддзах Ос-Бӕгъатырӕн цырт саразыны тыххӕй, хъусын кӕны Градус Осетии.

Цырт ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн Аланийы чырыстон дин райсыныл 1100 сӕххӕсты цытӕн мадзӕлтты фӕлгӕтты. Монументы арӕзтадыл ӕрдзырдтой скульптортӕ, нывгӕнджытӕ ӕмӕ историкты фембӕлды рӕстӕджы Цӕгат Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдисы равдисӕн залы.

Нарт Сырдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæумæ "фæуазæг" уыдзысты Нарты хъайтартæ

Фембӕлды уыдысты зындгонд зонадон ӕмӕ сфӕлдыстадон минӕвӕрттӕ: Цӕгат Ирыстоны нывгӕнджыты Цӕдисы сӕргълӕууӕг Мӕргъиты Таймураз, историктӕ Бзарты Руслан, Мамиты Михаил ӕмӕ Сланты Алан, сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг националон ӕмӕ культурӕйы райрӕзты фарстаты фӕдыл Хъамболты Тамерлан, афтӕ ма Аланийы фӕстаг паддзах Ос-Бӕгъатыры ном сӕнусон кӕныны фӕдыл хъӕппӕрисджын къорды минӕвӕрттӕ.

Фембӕлды хайадисджытӕ аскъуыддзаг кодтой баиу кӕнын сӕ тыхтӕ проект "Ос-Бӕгъатарӕн" иумӕйаг националон ном раттыны тыххӕй, цӕмӕй ӕхсӕнад дӕр райса хайад проекты реализацийы.

Алайнаг паддзах Ос-Бӕгъатыр хицауиуӕг кодта астӕузаманы, монголтӕ Алани куы бацахстой, уӕд. 1292 азы уый бацахста горӕт Гур йӕ алыварс цы зӕххытӕ уыдис, уыдонимӕ. Хӕдбар хӕххон Аланимӕ баиу кодтой Кавказы фӕзы территоритӕ. Афтӕмӕй Ос-Бӕгъатыр сарӕзта ног Алайнаг паддзахад. 1306 азы Ос-Бӕгъатыр фӕмард. Гуырдзыстоны паддзах Георгий V баиу кодта йӕ дӕлбар адӕмы ӕмӕ стох кодта ирӕттимӕ. 1326 азы ӕртӕаздзыд ӕрхъулайы фӕста уый бацахста фӕстӕмӕ Гур.

Ос-Бӕгъатыры баныгӕдтой Нузалы, уым зындгонд кувӕндон ссис йӕ ингӕны мавзолей.

Ног хабӕртты лентӕ
0