Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы ӕвзӕр боныгъӕдтӕй

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæТӕрккъӕвда
Тӕрккъӕвда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгатирыстойнаг гидрометеорологон мониторингы центры бафӕдзӕхстой,республикӕйы кӕй февзӕрдӕр уыдзӕн боныгъӕд

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны УУМ фӕдзӕхсы, ӕввахс бонты республикӕйы кӕй уыдзӕн тӕрккъӕвдатӕ, карз уад ӕмӕ ихуард. Уый тыххӕй фехъусын кодта уагдоны пресс-службӕ гидрометеорологон мониторингы центры бӕрӕггӕнӕнтӕ.

"УУМ-ы информацимӕ гӕсгӕ 5, 6, 7, июны республикӕйы территорийыл уыдзӕн тӕрккъӕвдатӕ ихуардимӕ, дымгӕ дӕр уыдзӕн 20м/с", — дзырдӕуы УУМ хъусинаджы.

Афтӕ ма уагдоны бафӕдзӕхстой, республикӕйы цӕугӕдӕтты кӕй схиздзӕн доны ӕмвӕзад. Уымӕй дарддӕр ма хӕххон районты гӕнӕн ис ӕмӕ ӕрцӕуой цъыфы зӕйтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0