УУМ фӕдзӕхсы: Цӕгат Иры ӕнтӕф боныгъӕд уыдзӕн ноджы дыууӕ боны

© Sputnik / Анна КабисоваТӕвд боныгъӕд
Тӕвд боныгъӕд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлвӕткон службӕтӕ бафӕдзӕхстой цӕрджыты, цӕмӕй сӕхи бахизой ӕнтӕфӕй

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны территорийыл ацы дыууӕ боны уыдзӕн аномалон ӕнтӕф боныгъӕд. Уый фӕдыл фӕдзӕхст ныммыхуыр кодта Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон Уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

"Цӕгатирыстойнаг гидрометеорологон ӕмӕ мониторингы центры информацимӕ гӕсгӕ, 29 ӕмӕ 30 июны республикӕйы быдырон районты уыдзӕн тынг ӕнтӕф — 38ºС онг", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Аномалон ӕнтӕф боныгъӕды тыххӕй Цӕгат Ирыстоны уӕлвӕткон уагдоны кусджытӕ сидынц цӕрджытӕм, цӕмӕй уой  арӕхстджын, бирӕ ма лӕууой хуры бын, урс дзаумӕттӕ ӕмӕ худ дарой, афтӕ ма бирӕ дон дӕр нуазой ӕмӕ арт ма кӕной.

Ног хабӕртты лентӕ
0