"КВН театры" директор Ӕлборты Асланы мӕлӕты тыххӕй: уый уыд хиамард

Рафыссын
Зындгонд ирон юмористӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъдзысты Цӕгат Ирыстоны столицӕйы майрӕмбоны

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Цыргъзонд ӕмӕ хъӕлдзӕг фӕсивӕды (КВН) командӕ "Пирамида"-йы хайадисӕг, зындгонд ирон комик Ӕлборты Аслан амардта йӕхи, хъусын кӕны РИА Новости "КВН театры" директор Плиты Сосланы ныхӕстӕ.

Ӕртыццӕджы райсом рабӕрӕг ис, Ӕлборты Аслан йӕ цардӕй кӕй ахицӕн 33-аздзыдӕй.

"Уый уыд хиамард, фӕлӕ уӕм мах сидӕм, цӕмӕй уӕхи верситӕ ма аразат, уый тыххӕй ӕмӕ нырма ничи зоны аххосӕгты тыххӕй. Ӕцӕг нӕ дисы ӕппары, цӕмӕн ӕрцыд афтӕ, нӕ дзы уыд ницы аххосаг. Ӕмткӕй зӕгъгӕйӕ, бӕрӕг нӕу, цӕмӕн афтӕ бакодта", — загъта Плиты Сослан.

 Ӕлборты Аслан хайад иста КВН уӕлдӕр лигайы дзӕуджыхъӕуккаг командӕ "Пирамида"-йы сконды, кӕцы дыууӕ хатт уыд вице-чемпион. Афтӕ ма Ӕлборты Аслан хайад иста командӕ "На характере"-йы ӕмӕ куыста телеканал "Осетия-Ирыстоны".

Ног хабӕртты лентӕ
0