Тургенев иронау: мыхуыры рацыд фыссæджы æмбырдгонд тæлмацæй

© Sputnik / Александр Уткин /  Ахизын медиабанкмæИ.С. Тургенев
И.С. Тургенев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныр мадæлон æвзагыл бакæсæн ис "Хорь и Калиныч" , "Бурмистр" , "Бирюк", "Русский язык" , "Воробей", "Природа" , "Бежин луг", "Ася" , "Муму", "Старуха", "Собака", "Старик" æмæ фыссæджы æндæр уацмыстæ

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik. Дзæуджыхъæуы мыхуыры рацыд зынгæ уырыссаг фыссæг Иван Тургеневы уацмысты æмбырдгонд ирон æвзагмæ тæлмацæй. Чиныгмæ бацыд, алы азты поэттæ æмæ фысджытæ мадæлон æвзагмæ цы ратæлмац кодтой литературæйы классикы уацмыстæ, уыдон, хъусын кæны 15 регион.

Ацы аз æппæт бæстæ æмæ дунейы литературон æхсæнад бæрæг кæны номдзыд уырыссаг фыссæг æмæ хъуыдыгæнæг Иван Тургеневы райгуырды 200 азы бон.

"Чиныг мыхуыры рауагъта ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Тедтойты Зинаидæ. Æмбырдгондмæ хаст æрцыдысты ахæм уацмыстæ, куыд: "Хорь и Калиныч", "Бурмистр", "Бирюк", "Русский язык", "Воробей", "Природа", "Бежин луг", "Ася", "Муму", "Старуха", "Собака", "Старик" æмæ æндæртæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уацмыстæ ирон æвзагмæ раивтой Бекуызарты Валентина, Дойаты Сергейы, Гуытъиаты Хъазыбег, Дзанайты Иван, Ардасенты Хадзыбатыр, Дзасохты Музафер, Къибирты Амурхан, Хохойты Энвер æмæ Гуытъиаты Хъазыбег.

Чиныг фæпайда уыдзæн бирæтæн: ирон æмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн, студенттæн, аспиранттæн, литературæиртасджытæн, стæй ма Иван Тургеневы сфæлдыстад уарзджытæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0