Цӕгат Иры ӕрӕвнӕлдтой Нузалы кувӕндоны реставрацимӕ

Рафыссын
Культурӕйы цыртдзӕвӕн реставраци кӕнынц фыццаг хатт, уый размӕ дзы уагътой ӕрмӕст аварийы ныхмӕ куыстытӕ

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны райдыдтой федералон нысаниуӕджы культурон цыртдзӕвӕн — зындгонд Нузалы кувӕндон реставраци кӕнын, хъусын кӕны цӕгатирыстойнаг культурон объектты хъахъхъӕнынад ӕмӕ пайда кӕныны фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Историкты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Нузалы кувӕндон у фӕстаг алайнаг паддзах Ос-Бӕгъатыры мавзолей.

Ос-Бӕгъатыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕстаг алайнаг паддзахӕн цырт саразыныл ӕрдзырдтой Цӕгат Иры

Культурӕйы цыртдзӕвӕн реставраци кӕнынц фыццаг хатт. Уый размӕ дзы уагътой ӕрмӕст аварийы ныхмӕ куыстытӕ. Кусын дзы хъӕуы тынг лӕмбынӕг ӕмӕ хъавгӕйӕ.

"Тынг зын куысты бӕрцуат дзы ис. Уый тыххӕй йӕ иуӕй-иу хатт ӕруромӕм, алкӕцы этапы фӕстӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, цӕмӕй таддаг сфидар уа ӕмӕ та дарддӕр кусӕм", — банысан кодта дурӕвӕрыны специалист Зотты Руслан.

Дурӕвӕрды цалцӕг кӕныны куыстытӕ фӕуыдзысты ӕввахс рӕстӕджыты, иу къуырийы фӕстӕ та Нузалы райдайдзысты сӕ куыст мӕскуыйаг зонадон-иртасӕн институты специалисттӕ. Куыстытӕ иууылдӕр фӕуыдзысты фӕззӕджы.

Специалисттӕ нысан кӕнынц, зӕгъгӕ, ӕнӕхъӕнӕй реставрацигонд культурон цыртдзӕвӕнмӕ Нузалмӕ тагъд рӕстӕджы цӕудзысты бирӕ туристтӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0