Цӕгат Иры сараздзысты Ӕмтохӕдты галуан

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæБӕройты Хасан
Бӕройты Хасан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
500 бынатимӕ спортивон объекты арӕзтад нывӕндынц райдайын 2019 азы

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы сараздзысты нырыккон Ӕмтохӕдты галуан, хъусын кӕны портал 15 Регион республикӕйы физикон культурӕ ӕмӕ спорты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бӕройты Хасаны ныхӕстӕ.

Ирон аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны сараздзысты византиаг стилы аргъуан

500 бынатимӕ спортивон объекты арӕзтад нывӕндынц райдайын 2019 азы, кӕнгӕ та йӕ бакӕндзысты 2020 азы. Уыдзӕн дзы хицӕн зал греко-римаг хъӕбысхӕстӕн, уый тыххӕй ӕмӕ ацы стилы хъӕбысхӕцджытӕ тренировкӕ кӕнынц ӕндӕр спортсментимӕ.

"Махмӕ ис олимпиаг чемпионтӕ ацы спорты, фӕлӕ сын сӕхи зал никуы уыд", — банысан кодта Бӕройты Хасан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, залтӕ уыдзысты бирӕфункционалон — уӕгъдибар хъӕбысхӕцджытӕй дарддӕр ма дзы тренировкӕ кӕндзысты дзюдоисттӕ ӕмӕ спортивон гимнасттӕ. Афтӕ ма комплексы уыдзӕн фадат уадзын республикон турниртӕ дӕр.

Министр бафтыдта, зӕгъгӕ, ног Ӕмтохӕдты галуаны арӕзтадӕн рахицӕн кӕндзысты 210 милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0