Черчесты Станислав ӕмӕ йӕ командӕйы схорзӕхджын кӕндзысты Думӕйы

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæСборная России по футболу встретилась с болельщиками
Сборная России по футболу встретилась с болельщиками - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг командӕйы футболистты схорзӕх кӕныны фæдыл хъæппæрис бахаста Паддзахадон думӕйы спикеры хӕдивӕг Игорь Лебедев

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Паддзахадон думӕйы сӕргълӕууӕг Вячеслав Володин фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы командӕйы футболистты ӕрбахондзысты Паддзахадон думӕмӕ, цӕмӕй сӕ схорзӕхджын кӕной цытджын грамотатӕй се 'нтыстджын хъазты тыххӕй дунейы чемпионаты, хъусын кӕны Р-спорт.

Уӕрӕсейаг командӕйы схорзӕх кӕныны фæдыл хъæппæрис бахаста Паддзахадон думӕйы спикеры хӕдивӕг Игорь Лебедев.

"Мах фӕнды, цæмæй Черчесты Саламы фырт Станиславы ӕмӕ националон командӕйы футболистты иууылдæр схорзӕхджын кӕнæм се 'нтыстджын хъазты тыххӕй дунейы чемпионаты. Ацы адӕмы фӕрцы Уӕрӕсе сӕххӕст кодта егъау дипломатон, культурон ӕмӕ спортивон уӕлахиз", — радзырдта Лебедев.

Паддзахадон думӕйы сӕргълӕууӕг Вячеслав Володин банхъардта Лебедевы хъæппæрисы фарс балæууын ӕмӕ банысан кодта ацы уӕлахизы ахсджиагдзинад ӕнӕхъӕн бӕстӕйӕн.

Дунейы чемпионат футболӕй ацыд Уӕрӕсейы 11 горӕты 14 июнӕй 15 июльмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0