"Кавказы бархионтӕ" ӕххуыс кӕнынц иунӕг ацӕргӕ адӕмӕн Алагиры районы

© Государственный интернет-канал "Россия""ДОБРОВОЛЬЦЫ КАВКАЗА" ПОМОГАЮТ ОДИНОКИМ ПОЖИЛЫМ ЛЮДЯМ В АЛАГИРСКОМ РАЙОНЕ
ДОБРОВОЛЬЦЫ КАВКАЗА  ПОМОГАЮТ ОДИНОКИМ ПОЖИЛЫМ ЛЮДЯМ В АЛАГИРСКОМ РАЙОНЕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цалынмӕ се 'мгӕрттӕ сӕрдыгон каникулты улӕфынц, уӕдмӕ "Кавказы бархионтӕ" атындзыдтой ӕххуысмӕ

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Организаци "Кавказы бархионтӕ"-йы волонтертӕ ӕмӕ Алагиры районы социалон ӕххуысы центр баиу кодтой сӕ тыхтӕ, цӕмӕй баххуыс кӕной иунӕг ацӕргӕ адӕмӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Алагиры районы социалон ӕххуыс ӕмӕ райрӕзты фӕдыл комплексон центры директор Беккуызарты Хъазбеджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бархионты ӕвджид сты 50 адӕймагӕй фылдӕр, кӕцытӕ цӕрынц районы.

"Ныридӕгӕн сарӕзтам нывӕзт. Мах ӕвджид сты 50 адӕймаджы, кӕцытӕ сты иунӕг. Уыдонмӕ мах алкӕцы мӕй дӕр уадздзыстӕм генералон бафснайд. Уый нӕ хауы нӕ компетенцимӕ, фӕлӕ мах егъау хъусдард хъуамӕ здахӕм хистӕр фӕлтӕрмӕ", — радзырдта Беккуызарты Хъазбег.

Волонтертӕ ныридӕгӕн ӕрӕвнӕлдтой ӕххуыс кӕнынмӕ. Иунӕг ацӕргӕ адӕмы бӕсты уыдон ацӕуынц дуканитӕм, афтеччытӕм, ӕххуыс сын кӕнынц хӕдзары ӕмӕ цӕхӕрадоны куыстыты.

Ног хабӕртты лентӕ
0