Цӕгат Иры Националон музейы цӕттӕ кӕнынц дыууӕ ног экспозицийы

Рафыссын
Националон музейы равдыстытӕн дыууӕ ног хатӕны цалцӕггӕнӕн куыстытӕ тагъд рӕстӕджы фӕуыдзысты

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Националон музейы дыккӕгӕм уӕладзыджы цӕттӕ сты дыууӕ стыр экспозицион залы цалцӕджы фӕстӕ, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ. Афтӕ ма Националон музейы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц Дзӕуджыхъӕуы Централон парчы уылты бахизӕны реконструкцион куыстытӕ дӕр.

Тагъд рӕстӕджы ног залтӕй иуы байгом уыдзӕн ирон нывгӕнджыты куыстыты равдыст, дыккаджы та равдисдзысты Ирыстоны 8-10 ӕнусты историйӕ экспонаттӕ.

"Ног экспозициты баконды фӕстӕ нӕм сӕ хъус ӕрдардзысты ӕрмӕст сӕ райгуырӕн бӕстӕ — Цӕгат Ирыстоны истори уарзджытӕ нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсе ӕмӕ фӕсарӕнтӕй ӕрцӕугӕ туристтӕ дӕр", — банысан кодта республикӕйы хицауады сӕрдар Тускъаты Таймураз.

Амӕйразмӕ сбӕрӕг ис, куыстытӕ фӕуыны тыххӕй 2018 азы кӕй хъӕуы 594,05 милуан сомы, кӕцытӕй 522 милуан сомы сты федералон бюджеты фӕрӕзтӕ, 41,5 милуан сомы та — республикон бюджеты.

Ног хабӕртты лентӕ
0