"Гыццыл принцы" тӕлмацгӕнджыты сноминаци кодтой Къостайы премимӕ

© Газета "Слово""Маленький принц" на осетинском языке
Маленький принц на осетинском языке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Французаг фыссӕджы зындгонд чиныджы ирон верси уайтагъд ӕлхӕнын райдыдтой ӕрмӕст Уӕрӕсейы нӕ, фӕлӕ ма фӕсарӕнты дӕр

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Антуан де Сент-Экзюперийы уацмыс "Гыццыл принцы" ратӕлмац кӕныны тыххӕй французаг ӕвзагӕй иронмӕ Хетӕгкаты Къостайы премимӕ сноминаци кодтой профессор Хъамболты Тамерланы ӕмӕ сывӕллӕтты ӕмдзӕвгӕты автор Фидарты Изетайы, хъусын кӕны телеканал ПТРК "Алани".

"Мах архайдтам, цӕмӕй алкӕцы ныхас дӕр дырыс стӕлмац кӕнӕм, цӕмӕй бавӕрӕм Экзюперийы стиль. Нӕй литературӕйы ахӕм стыр бӕрзӕнд, кӕцы тынг хорзӕй ма радӕтта ирон ӕвзаг", — радзырдта Цӕгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ЮНЕСКО-йы кафедрайы редактор-тӕлмацгӕнӕг Фидарты Изета.

Служба в храме Алагирского Богоявленского монастыря - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыцаумӕскуывдты ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕныныл бакусдзӕн къамис

Хъамболты Тамерлан та банысан кодта, зӕгъгӕ, уацмысы тӕлмацы нысан уыд мадӕлон ӕвзагмӕ цымыдисӕн импульс радтын.

"Хъуамӕ мадӕлон ӕвзагмӕ интересӕн радтӕм импульс. Цӕмӕй фенын кӕнӕм, ирон ӕвзаг ӕрмӕст традицион культурӕ ӕмӕ 19 ӕнусы ӕвзаг кӕй нӕу, фӕлӕ ма йӕ бон у уынын кӕнын дунейы ӕххӕстдзинад", — загъта уый.

Выставка, посвященная Коста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къостайы преми: аив дзырды дæснытæм сидынц конкурсмæ

"Гыццыл принцы" ратӕлмац кодтой ирон ӕмӕ дигорон диалекттӕм. Тӕлмацгӕнджытӕ нысан кӕнынц, зӕгъгӕ, ирон вариант ссис чиныджы 301-ӕм тӕлмац – ацы ӕвдисӕнтӕм гӕсгӕ аргъау рамбылдтой ӕрмӕст дӕр Библи ӕмӕ Коран.

"Гыццыл принцы" дыууӕ мин экземпляры ирон ӕвзагыл балхӕдтой ӕрмӕст Уӕрӕсейы нӕ, фӕлӕ ма Германи, Швеци, Финлянди ӕмӕ Европӕйы ӕндӕр бӕстӕты. Афтӕ ма чиныг фӕзынд Токиойы "Гыццыл принцы" музейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0