Уӕлибыхтӕ бахаудтой туристты уарзондӕр хӕринӕгты номхыгъдмӕ

© Sputnik / Алексей КовалевУӕлибых
Уӕлибых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иртӕстыты фӕстиуджытӕ арӕзт цыдысты ӕппӕт дунейӕ туристты аргъгӕндтӕй

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Дунейы уазӕгдӕтты бынӕттӕ фидар кӕныны иууыл стырдӕр онлайн-системӕ Booking.com ныммыхуыр кодта Уӕрӕсейы фондз горӕты рейтинг, цы ран дидин калы фуд-туризм, афтӕ ма радзырдта, кӕцы регионалон ӕмӕ националон хӕринӕгтӕ сты иууыл популярондӕр туристтӕн, хъусын кӕны Градус Осетии.

Цхинвалы сцæттæ кодтой 112 диаметры уæлибых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнæсрегистрацигонд рекорд: Цхинвалы сцæттæ кодтой 112 см диаметры уæлибых

Иртӕстыты фӕстиуджытӕ арӕзт цыдысты ӕппӕт дунейӕ туристты аргъгӕндтӕй. Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ традицион ирон уӕлибыхтӕ сты номхыгъды фӕндзӕм бынатыл, фембылд сты сочийаг физонӕг, люля-кебаб ӕмӕ хинкалтӕн.

Рейтингы лидер у хӕринаг "Азу по-татарски", дыккаг бынатыл сты петербургаг тӕвд тымбыл сойфыхтӕ. Ӕртыккаг бынатыл та столицӕйаг "Солянка по-московски".

Ног хабӕртты лентӕ
0