Ирон богалӕн балӕвар кодтой фатер дунейы чемпионаты уӕлахизы тыххӕй

© United World WrestlingСидахъты Зауыр
Сидахъты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сидахъты Зауырбег рамбылдта сыгъзӕрин майдан уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ерысты 74 килограмм уӕзы категорийы, финалы рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Гуырдзыстонӕй Автандил Кентчадзейы

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Венгрийы уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй чемпионаты уӕлахиздзау Сидахъты Зауырбег райста фатеры дӕгъӕлтӕ, кӕцытӕ спортсменӕн радта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, хъусын кӕны РИА Новости.

Сидахъты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин раарфæ кодта ирон богалæн дунейы чемпионаты уæлахизы фæдыл

"Радтон фатеры дӕгъӕлтӕ Сидахъты Зауырбегӕн — нӕ дунейы чемпионӕн уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, кӕцы амӕйразмӕ ӕрыздӕхт Венгрийӕ. Ахӕм лӕппутӕ сты цӕвиттон фӕсивӕдӕн, нӕ республикӕйы сӕ сты сӕрыстыр. Иу хатт ма арфӕ кӕнын сыгъзӕрин майдан райсыны тыххӕй. Ацы лӕвар ын уӕт мотиваци, цӕмӕй басӕтта ног спортивон бӕрзӕндтӕ", — ныффыста Битарты Вячеслав социалон хызӕг Instagram-ы.

Уӕрӕсейы командӕ бацахста фыццаг бынат греко-римаг, уӕгъдибар ӕмӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн хъӕбысхӕстӕй чемпионаты медалон бахыгъды. Уӕрӕсейаг спортсментӕ рамбылдтой Венгрийы 13 хорзӕхы — 10 сыгъзӕрин, 1 ӕвзист ӕмӕ 2 бронзӕйы, афтӕмӕй сног кодтой сыгъзӕрин майданты рекорд. 2007 азы Уӕрӕсейы командӕ рамбылдта 7 сыгъзӕрин майданы.

Ног хабӕртты лентӕ
0