Ӕнӕзаконон милуантӕ: Цӕгат Иры сылгоймаг ӕнӕ лицензийӕ уӕй кодта ӕртаг

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæӔртагкӕнӕн станц
Ӕртагкӕнӕн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнӕзаконон амалиуӕгадӕй ӕфтиаг рацыд ӕхсӕз милуан сомы, зӕрдӕхсайгӕйы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны полици бакодта уголовон хъуыддаг республикӕйы 44-аздзыд сылгоймаджы фӕдыл ӕнӕзаконон амалиуӕгады тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ).

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, иу азы дӕргъы зӕрдӕхсайгӕ ӕнӕзакононӕй реализаци кодта алыгъуызон ӕртаг ӕмӕ райста ӕфтиаг ӕхсӕз милуан сомы.

"Полицийы информацимӕ гӕсгӕ, 2017-2018 ӕзты сылгоймаг ӕнӕ лицензийӕ уӕй кодта углеводород газ, АИ-92 бензин ӕмӕ дизелон ӕртаг, ӕртаггӕнӕн станцы, кӕцы ис Дзӕуджыхъӕу-Ӕрыдон фӕндагыл. Ӕнӕзаконон амалиуӕгады иумӕйаг ӕфтиаг ахызт ӕхсӕз милуан сомӕй", — банысан кодтой МХМ.

Зӕрдӕхсайгӕ гоймаджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг ӕнӕзаконон базарады тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0