Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн чемпионат авиамодель кӕныны спортӕй

© ТЕЛЕКОМПАНИЯ "ОСЕТИЯ-ИРЫСТОН"Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн чемпионат авиамодель кӕныны спортӕй
Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн чемпионат авиамодель кӕныны спортӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурсы хайад райсдзысты авиамоделисттӕ Мӕскуы, Иркутск, Воронеж, Таганрог, Ставрополы область ӕмӕ Хъӕрӕсе-Черкесӕй

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ацӕудзӕн республикӕйы гом чемпионат авиамодель кӕныны спортӕй F-2D модельты классы "Семен Шкарины Кубок", хъусын кӕны "Осетия-Ирыстоны" телеканалы интернет-верси.

Спортивон мадзал ацӕудзӕн ДОСААФ аэроклубы территорийыл 10-11 ноябры.

Конкурсы хайад райсдзысты авиамоделисттӕ Мӕскуы, Иркутск, Воронеж, Таганрог, Ставрополы область ӕмӕ Хъӕрӕсе-Черкесӕй.

"Ерысты уыдзӕн тӕхгӕ аппаратты модельты арӕзтад, сӕ тагъдзинад, дардад ӕмӕ миниуджыты конкурс. Модель-копиты ерысты аргъ кӕндзысты ӕрмӕст сӕ тӕхгӕ миниуджытӕн нӕ, фӕлӕ ма сӕ ӕнгӕсдзинадӕн оригиналтимӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Турниры организатортӕ сты Цӕгат Ирыстоны авиамодель кӕныны спорты федераци ӕмӕ Республикӕйы сывӕллӕтты техникон сфӕлдыстады центр.

Ног хабӕртты лентӕ
0