Цӕгат Ир хайад райста Уӕрӕсейы журналистты цӕдисыл 100 азы сӕххӕсты бӕрӕгбоны

© 15-Й РЕГИОНДелегация из Северной Осетии приняла участие в праздновании 100-летия Союза журналистов России
Делегация из Северной Осетии приняла участие в праздновании 100-летия Союза журналистов России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы фӕлгӕтты ацыдысты мастер-класстӕ, лекцитӕ, афтӕ ма экскурситӕ дӕр федералон телеканалтӕ ӕмӕ газетты редакцитӕм

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг журналистты делегаци хайад райста Уӕрӕсейы журналистты цӕдисы 100 азы юбилейы бӕрӕгбоны, хъусын кӕны 15 Регион.

Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Рæстдзинадыл" 95 азы: газеты коллектив исы арфæтæ хуссарирыстойнаг коллегæтæй

Бӕрӕгбонон ӕмбырды, кӕцы цыд ӕртыццӕджы Мӕскуыйы, хайад райстой 150 журналисты Уӕрӕсейы 85 регионӕй.

Мадзалы фӕлгӕтты ацыдысты мастер-класстӕ, лекцитӕ, афтӕ ма экскурситӕ дӕр федералон телеканалтӕ ӕмӕ газетты редакцитӕм.

Цӕгат Ирыстоны журналистты цӕдисы сӕргълӕууӕг Хъуысаты Тимур загъта бузныг йӕ коллегӕтӕн, республикӕйы делегацийӕн фадат кӕй радтой хайад райсын бӕрӕгбоны, уый тыххӕй. Хъуысаты Тимур бафтыдта, зӕгъгӕ, Цӕдисы къухдариуӕгад йӕ коллегӕтимӕ республикӕйӕ иумӕ нывӕндынц саразын цалдӕр проекты, кӕцытӕ здӕхт сты ӕвзонг журналистты профессионализм фӕфылдӕр кӕнынмӕ, афтӕ ма журналистикӕйы ветерантӕн адресон ӕххуыс ӕххӕст кӕнынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0