Ирон спортсменкӕ ссис дунейы чемпионаты призер тхэквондойӕ

Рафыссын
Ӕфсӕддон спорты ӕхсӕнадӕмон советы дунейы чемпионат тхэквондойӕ райдыдта Рио-де-Жанейройы 27 ноябры ӕмӕ фӕуыдзӕн 5 декабры

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсменкӕ Челӕхсаты Анисия ссис дунейы чемпионаты призер тхэквондойӕ гарзджын тыхты ӕхсӕн, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.

Армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг армрестлертæ рамбылдтой 8 майданы Цæгат Иры

Ӕфсӕддон спорты ӕхсӕнадӕмон советы дунейы чемпионат тхэквондойӕ райдыдта Рио-де-Жанейройы (Бразили) 27 ноябры ӕмӕ фӕуыдзӕн 5 декабры.

Ӕппӕтдунейон Универсиадӕйы бронзӕйы призер, рӕнхъон Челӕхсаты Анисия архайдта Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты командӕйы сконды.

"Финалон тохы 57 килограмм уӕзы категорийы ирон тхэквондисткӕ фембылд спортсменкӕйӕн Китайӕ 10:11 хыгъдӕй ӕмӕ бацахста дыккаг бынат", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, спортсменкӕйы турнирмӕ бацӕттӕ кодта Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Авет Оганесянц.

Ног хабӕртты лентӕ
0