Дыууӕ адӕймаджы ныххаудтой ГЭС-ы доны Цӕгат Иры

© РусГидроДзӕуджыхъӕуы ГЭС
Дзӕуджыхъӕуы ГЭС - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нӕлгоймӕгтӕй иуы буар ссарыны тыххӕй ирвӕзынгӕнджытӕ ауагътой каналы дон

ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны дыууӕ адӕймаджы фӕмард сты Дзӕуджыхъӕуы ГЭС-ы каналмӕ ныххауыны фӕстӕ, хъусын кӕны РИА Новости республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ныхӕстӕ.

"15.14 сахатыл нӕм цӕстӕйфенӕгӕй  ӕрбацыд информаци, ГЭС-ы доны кӕй ныххаудтой дыууӕ адӕймаджы. Цауы бынатмӕ ацыдысты 13 адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы 3 иуӕджы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Фыццаг ирвӕзынгӕнджытӕ ссардтой иу нӕлгоймаджы мӕрдон буар, цӕмӕй иннӕ ссарой, уый тыххӕй каналы дон ауагътой.

"Ауагътам дон — дыккаг мӕрдон буар дӕр ссардтам. Кусӕм йӕ сисыныл. Дыууӕ нӕлгоймаджы. Бӕрӕг кӕнӕм сӕ гоймагдзинад", — фехъусын кодтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0