Мӕргъиты Лейла хайад райсдзӕн музыкалон конкурс "Во весь голос"-ы

Рафыссын
Мӕргъиты Лейла у алыгъуызон музыкалон конкурстӕ ӕмӕ фестивальты лауреат

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Ӕвзонг ирон зарӕггӕнӕг Мӕргъиты Лейла ацыд националон музыкалон конкурс "Во весь голос"-ы кастинг, хъусын кӕны 15 Регион.

Айларты Эллина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвзонг ирон зарӕггӕнӕг архайдзӕн Ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс "Новая звезда"-йы

Мӕргъиты Лейла у алыгъуызон музыкалон конкурстӕ ӕмӕ фестивальты лауреат. Цалдӕр боны размӕ ӕвзонг зарӕггӕнӕг ӕрыздӕхт Мӕскуыйӕ, цы ран хайад иста масштабон конкурс "Истоки"-йы. Лейла ӕмӕ дыууӕ ирон кандидаткӕйы баисты конкурсы лауреаттӕ.

"Ныртӕккӕ ӕз фӕнд кӕнын "Во весь голос" конкурсмӕ. Арвыстон уырдӕм куырдиат ӕмӕ мӕ зарӕджы видео. Уый фӕстиуӕгӕн рацыдтӕн кастинг. Ӕз рагӕй равзӕрстон музыкалон фӕндаг ӕмӕ дарддӕр дӕр архайдзӕн ацы фадыджы", — загъта Мӕргъиты Лейла.

Ног хабӕртты лентӕ
0