Фыссӕг Дыгъуызты Тенгиз ратӕлмац кодта Шарль Перройы аргъӕуттӕ ирон ӕвзагмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянДыгъуызты Тенгиз ратӕлмац кодта Шарль Перройы аргъӕуттӕ ирон ӕвзагмӕ
Дыгъуызты Тенгиз ратӕлмац кодта Шарль Перройы аргъӕуттӕ ирон ӕвзагмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чиныг бацӕттӕ кодтой республикон мыхуыр ӕмӕ дзыллон коммуникациты фӕдыл комитеты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Фыссӕг Дыгъуызты Тенгиз ратӕлмац кодта ирон ӕвзагмӕ зындгонд французаг фыссӕг Шарль Перройы аргъӕуттӕ, хъусын кӕны Ossetia News.

Стих - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгатирыстойнаг поэтессæйы схорзæхджын кодтой Нафийы майданæй Цхинвалы

Ӕмбырдгонд "Алæматы Аргъæутты" презентаци, цы ран хайад райстой республикӕйы фысджытӕ, артисттӕ, ӕхсӕнадӕмон архайджытӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ, ацыд Дзӕуджыхъӕуы.

Дыгъуызты Тенгизӕн радтой зындгонд фыссӕг Лев Толстойы статуэткӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы фысджыты цӕдисы кады грамотӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй бӕстӕйы литературӕйы райрӕзтмӕ.

Чиныг бацӕттӕ кодтой республикон мыхуыр ӕмӕ дзыллон коммуникациты фӕдыл комитеты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Дӕсгай ӕмбырдгондтӕ ныридӕгӕн радтой республикӕйы сывӕллӕтты библиотекӕтӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0