Гуӕцӕлты Хаджимурӕт ссис депутат Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Максим КостьянГуӕцӕлты Хаджимурӕт
Гуӕцӕлты Хаджимурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуӕцӕлты Хаджимурӕт банысан кодта, ног бынаты кӕй тырндзӕн ӕнтыстджын куыстмӕ

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Номдзыд уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Гуӕцӕлты Хаджимурӕт ссис Дзӕуджыхъӕуы минӕвӕртты ӕмбырды депутат, хъусын кӕны 15-ӕм регион.

Гуӕцӕлты Хаджимурӕт банысан кодта, иумӕйаг тыхтӕй кӕй сӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕхуыздӕр кӕндзысты Ирыстоны ӕмбӕстӕгты цард.

"Ӕз тырнын ӕнтыстджын куыстмӕ. Фӕнды мӕ фӕхуыздӕр кӕнын не 'мбӕстӕгты цард. Хъӕуы сӕххӕст кӕнын нӕ нывӕзтытӕ. Уырны мӕ, иумӕйаг тыхтӕй кӕй аскъуыддзаг кӕндзыстӕм бирӕ фарстытӕ", — загъта Гуӕцӕлты Хаджимурӕт.

Афтӕ ма спортсмен бафтыдта, спортмӕ ӕрбаздӕхыны фарст нырма кӕй у гом.

"Алцыдӕр баст у мӕ спортивон формӕйыл. Мӕнӕн спорт у царды амал", — бахахх кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0