Дзæуджыхъæуы зынгирвæзтæй фервæзын кодтой дæсгай адæймæгты

© Тома ХутуговаЗынгирвæзт Дзæуджыхъæуы Тамайты Владимиры уынгыл
Зынгирвæзт Дзæуджыхъæуы Тамайты Владимиры уынгыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæллæхы басыгъд æртæ фатеры

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Дзæуджыхъæуы цыппæрæмы æхсæв æрцыд зынгирвæзт фарастфатерон хæдзары Тамайты Владимиры уынгыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ.

Бæллæхы басыгъд æртæ фатеры.

Зынгирвæзты видео ныммыхуыр кодтой социалон хызæджы пайдагæнджытæ.

"Цауы тыххæй хъусинаг тагъд архайды службæтæм æрбацыд 01:34 сахатыл. Бæстыхаййæ фервæзын кодтой 30 адæймаджы, райсомы цыппары ʻрдæгмæ зынгирвæзт иуварс æрцыд", — дзырдæуы УУМ хъусинаджы.

Уагдоны банысан кодтой, зынгирвæзты рæстæджы зиан кæй не ʻрцыд. Специалисттæ сгарынц бæллæхы аххосæгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0