Цæгат Иры фæбæрæг сты тыхджындæр æрмхæцджытæ

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Иры фæбæрæг сты тыхджындæр æрмхæцджытæ
Цæгат Иры фæбæрæг сты тыхджындæр æрмхæцджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы æмбырдгонд хайад райсдзæн Уæрæсейы чемпионаты, кæцы ацæудзæн Екатеринбургы

ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны кæронмæ бахæццæ республикæйы чемпионат армрестлингæй, хъусын кæны республикæйы спорты министрады пресс-службæ.

Дунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсæзæм сыгъзæрин: армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта дунейон ерыстæ Анталияйы

Сæхи уæзы категориты уæлахиздзаутæ ссисты Гуæцæлты Ника, Моураты Залинæ, Хортиты Оксана, Хосираты Залинæ, Гуыззытаты Диана, Хъайырты Мæдинæ, Дзабиты Арсен, Цоциты Ибрагим, Томайты Руслан, Тогойты Игорь, Ортан Скяев, Цæрыкъаты Владислав, Уртаты Ацæмæз, Золоты Спартак, Хъазиты Гоча, Цæрыкъаты Алан æмæ Сланы Артур.

Ерыстæ æрæмбырд кодтой 120 атлеты, тохты бынат ссис Фадзайты Арсены номыл спортивон комплекс Дыгуры.

Банысан æрцыд, турниры хатдзæгтæм гæсгæ фидар æрцæудзæн республикæйы æмбырдгонд Уæрæсейы чемпионаты хайадистмæ, кæцы ацæудзæн Екатеринбургы.

Ног хабӕртты лентӕ
0