РЦИ-Аланийы минӕвӕртты схорзӕхджын кодтой Санкт-Петербурджы

© Пресс-служба Миннаца РСО-АланияРЦИ-Аланийы минӕвӕртты схорзӕхджын кодтой Санкт-Петербурджы
РЦИ-Аланийы минӕвӕртты схорзӕхджын кодтой Санкт-Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы паддзахадон хорзӕхтӕ радтой Мариинаг театры фӕзуатыл Гергиты Валерийы хайадистӕй

ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Мариинаг театры концертон залы директор Гугкаты Тамерлан ӕмӕ Санкт-Петербурджы ирон диаспорӕйы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Остъаты Владиславы схорзӕхджын кодтой майданӕй "Во славу Осетии", хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны нациты хъуыддӕгты фӕдыл министрады пресс-службӕ.

Плиты Лана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зарӕггӕнӕг Хуссар Ирӕй рамбылдта музыкалон конкурсы Санкт-Петербурджы

Республикӕйы минӕвӕрттӕн радтой хорзӕхтӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ.

Хорзӕхкӕныны церемони ацыд Санкт-Петербурджы Мариинаг театры фӕзуатыл. Бӕрӕгбонон мадзалы хайад райстой Мариинаг театры аивадон разамонӕг ӕмӕ генералон директор Гергиты Валерий, Санкт-Петербург ӕмӕ Ленинградон областы ирон диаспорӕйы сӕргълӕууӕг Наниты Петр.

Ног хабӕртты лентӕ
0