Цӕгат Иры иууыл карджындӕр кафджыты ахуыргӕнӕджы урокы видео бахауд интернетмӕ

Рафыссын
Интернет-рауагъд Mash ныммыхуыр кодта Уӕрӕсейы сгуыхт артит ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист, 70-аздзыд Плиты Нодары урокы видео

ЦХИНВАЛ, 7 мая - Sputnik. Интернетӕй пайдагӕнджыты зӕрдӕтӕ балхӕдта иууыл карджындӕр кафджыты ахуыргӕнӕджы урокы видео, кӕцы ныммыхуыр кодта Интернет-рауагъд Mash.

Уӕрӕсейы сгуыхт артист ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист Плиты Нодарыл цӕуы 70 азы, фӕлӕ нырма дӕр у ӕцӕг профессионал. Артист сарӕзта кафджыты скъола, цы ран ахуыр кӕны йӕ хъомылгӕнинӕгты кафын.

Плиты Нодар 20 азмӕ ӕввахс уыд цӕгатирыстойнаг ансамбль "Алан"-ы солист.

Ног хабӕртты лентӕ
0