КиноБарс: Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон кинофестиваль

© Пресс-служба Комитета по делам печати РСО-Алания"КиноБарс"
КиноБарс  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кинофестивалы хайад райсдзысты Уӕрӕсе, Таджикистан, Белоруси, Киргизи, Узбекистан ӕмӕ Абхазы киноиндустрийы минӕвӕрттӕ

 

ЦХИНВАЛ, 21 май - Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон кинофестиваль "КиноБарс" ацӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы 30 маййӕ 2 июньмӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны мыхуыр ӕмӕ дзыллон коммуникациты хъуыддӕгты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

"КиноБарс" баххуыс кӕндзӕн сбӕрӕг кӕнын регионы курдиатджын кинематографистты, аудитори та фылдӕр базондзӕн нырыккон кинематографы процестӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Кинофестивалы хайад райсдзысты Уӕрӕсе, Таджикистан, Белоруси, Киргизи, Узбекистан ӕмӕ Абхазы киноиндустрийы минӕвӕрттӕ.

Фильм Непрощенный - Sputnik Хуссар Ирыстон
Калоты Виталийы тыххæй фильм байгом кæндзæн Мæскуыйаг кинофестиваль

Мадзалы фӕлгӕтты кӕсджытӕн равдисдзысты 19 кинонывы, кӕцыты фылдӕр хай хайад истой номдзыд ӕхсӕнадӕмон фестивальты, афтӕ ма ауадздзысты ахуырадон семинартӕ, тыбыл фынгтӕ ӕмӕ мастер-класстӕ.

"Уый у тынг цымыдисон, мӕхӕдӕг дӕр ахуыр кӕндзӕн уыцы фӕсивӕдимӕ. Ацы мастер-классты фӕстӕ сымахӕн уӕ бон уыдзӕн сисын киноныв ӕмӕ иннӕ аз суыдзыстут "КиноБарс" фестивалы хайадисӕг", - радзырдта кинофестивалы президент, РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Дыгъуызты Алан брифингыл, кӕцы сорганизаци кодтой газет "Слово"-йы пресс-центры.

Кинофестиваль "КиноБарс"-ы баконд ацӕудзӕн Тӕбӕхсауты Балойы номыл Цӕгат Ирыстоны паддзахадон академион театры.

Ног хабӕртты лентӕ
0