Дзӕуджыхъӕуы фӕбӕрӕг иууыл хуыздӕр ӕвзонг амалиуӕггӕнӕг

© Sputnik / Наталья АйриянДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурсы, кӕцы ацыд республикӕйы фӕсивӕдон парламенты къухдариуӕгады бын, хайад райстой 11 адӕймаджы 16-30 азы кары

 

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сбӕрӕг кодтой иууыл хуыздӕр ӕвзонг амалиуӕггӕнӕджы, уый ссис Гасситы Дзерассӕ – скалодром "Рокстар"-ы бындурӕвӕрӕг, хъусын кӕны портал ОсНова.

Конкурсы, кӕцы ацыд республикӕйы фӕсивӕдон парламенты къухдариуӕгады бын, хайад райстой 11 адӕймаджы 16-30 азы кары – сӕрмагонд амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ уагдӕтты бындурӕвӕрджытӕ.

"Конкурс "Аланийы ӕвзонг амалиуӕггӕнӕг - 2019"-ы хайад райста аккаг фӕсивӕд, ӕмӕ уый тыххӕй уӕлахиз уыд ӕнӕнхъӕлӕджы. Мах нывӕндӕм ауӕрӕх кӕнын нӕ скалодром ӕмӕ тагъд рӕстӕджы суыдзӕн активон улӕфты центр", - загъта уӕлахиздзау.

Организатортӕ банысан кодтой, конкурсы хайадисты руаджы фӕсивӕды архайдӕн кӕй саргъ кӕнынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0