Ногӕй та уадтымыгъ: Цӕгат Иры УУМ фехъусын кодта боныгъӕды февзӕры тыххӕй

© Sputnik / Kirill Kallinikov /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Иры УУМ фехъусын кодта боныгъӕды февзӕры тыххӕй
Цӕгат Иры УУМ фехъусын кодта боныгъӕды февзӕры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзӕр боныгъӕд адаргъ уыдзӕн 7 июны райсоммӕ

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) бафӕдзӕхста боныгъӕды февзӕры фӕдыл республикӕйы территорийыл.

"Цӕгат Ирыстоны гидрометеорологи ӕмӕ алфӕмблайы мониторингы фӕдыл центры информацимӕ гӕсгӕ ӕввахс 3-6 сахаты республикӕйы территорийыл уыдзысты тӕрккъӕвдатӕ, ихуард ӕмӕ тыхдымгӕтӕ 20-25 м/с. Ахӕм боныгъӕд адаргъ уыдзӕн 7 июны райсоммӕ", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, республикӕйы цӕугӕдӕтты ма кӕй фӕбӕрзонддӕр уыдзӕн доны ӕмвӕзад, афтӕ ма хӕхты та гӕнӕн ис рацӕуой цъыфы зӕйтӕ.

Ӕвзӕр боныгъӕды фӕдыл фӕндагон змӕлды хайадисджытӕн рекомендаци кӕнынц хъавгӕ архайын хӕххон трассӕтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0