Адӕмон инструментты уникалон фабрикӕ басыгъд Дзӕуджыхъӕуы

© instagram/Минпромтранс РСО-АланияСӕудӕджерад ӕмӕ транспорты министр Бутаты Хайдарбег
Сӕудӕджерад ӕмӕ транспорты министр Бутаты Хайдарбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы сӕудӕджерад ӕмӕ транспорты министр ныфс бавӕрдта, кӕй ссардзӕн ног бӕстыхӕйттӕ зианбаййафӕг куыстуӕттӕн

ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕудӕджерад ӕмӕ транспорты министр Бутаты Хайдарбег цӕттӕ у баххуыс кӕнын музыкалон инструментты ӕмӕ къуымбилы цехтӕ "Фӕндыр" ӕмӕ "Умелец"-ӕн, кӕцытӕ ӕрӕджы басыгъдысты Дзӕуджыхъӕуы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Зынгфӕдисонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры ссыгъд къуымбилы цех: ис зианбаййафджытӕ

Министр бацыд цехты раздӕры бынатмӕ, цы ран 2 августы ӕрцыд зынгсирвӕзт.

"Бӕллӕх ӕрхаста стыр зиан. Басыгъдысты уникалон дзаумӕттимӕ ӕрмӕдзтӕ. Ныртӕккӕ зианы бӕрц зын банымайӕн у, нырма хъӕуы равзарын бӕстыхайы кӕлӕнтӕ", - банысан кодта министр.

Куыстуат "Фӕндыр"-ы директор Тамерлан Ужегов куыд банысан кодта, афтӕмӕй фыццаг рады хъӕуы ссарын цехӕн ног бӕстыхай, цӕмӕй кусджытӕ дӕр сӕ мызд исой.

Бутаты Хайдарбег ныфс бавӕрдта, ӕввахс рӕстӕджы кӕй ссардзӕн ног бӕстыхӕйттӕ зианбаййафӕг куыстуӕттӕн, цӕмӕй уыдон сӕ куыст сног кӕной.

Ног хабӕртты лентӕ
0