Аланты зӕппӕдзтӕ: археологтӕ къахынц некрополь Цӕгат Иры

© 15-Й РЕГИОНАрхеологтӕ къахынц некрополь Цӕгат Иры
Археологтӕ къахынц некрополь Цӕгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырахстджын къӕхтыты рӕстӕджы археологтӕ ссардтой ирӕтты фыдӕлтӕ – аланты бирӕ культурон хӕзнатӕ

ЦХИНВАЛ, 15 авг - Sputnik. Цӕгат Иры уагъд цӕуынц алайнаг некрополы къӕхтытӕ Мӕздӕджы районы территорийыл, хъусын кӕны 15-ӕм Регион. Магистралон газы хӕтӕл "Мӕздӕг-Грозный"-ы зонӕйы куыстытӕм ӕрбаздӕхтой археологты Уӕрӕсейы цалдӕр регионӕй.

Ахуыргӕндтӕ ныридӕгӕн ссардтой уым 30 зӕппадзӕй фылдӕр.

"Ам ис нӕ эрӕйы 2-ӕй 5-ӕм ӕнусмӕ зӕппадз. Кӕмдӕрты ссарӕм 2 ӕнусы зӕппӕдзтӕ, кӕмдӕрты та 3-4 ӕнусы", - радзырдта археолог Дагестанӕй Дибирали Хазамов.

Цӕгат Ирыстоны археологон экспедицийы разамонӕг Владимир Малашев радзырдта, культурон хӕзнаты хсӕн кӕй ис хӕцӕнгӕрзтӕ, цардуагон дзауматӕ, афтӕ ма сылгоймӕгты сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист фӕлындӕнтӕ.

Астраханы цур ссардтой Сӕрмӕтты паддзахы сыгъзӕрин ӕвӕрӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Астраханы цур ссардтой Сӕрмӕтты паддзахы сыгъзӕрин ӕвӕрӕн

Археологтӕ нысан кӕнынц, ахӕм егъау къӕхтытӕ раздӕр уагъд кӕй цыдысты ӕрмӕстдӕр дыууӕ зӕппадзы: Беслайнаг ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары территорийыл зӕппадзы.

Малашев куыд радзырдта, афтӕмӕй къӕхтытӕ сты тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ Теркы астӕуккаг территорийыл раздӕр иртасӕнтӕ уагъд нӕ цыд. Къӕхтытӕ нывӕндынц балхынцъ кӕнын азы кӕрӕттӕм – артефакттӕ, кӕцытӕ ссардтой Мӕздӕджы районы, ратдзысты республикӕйы Национ музейӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0