"Алани Дзӕуджыхъӕу" рамбылдта "Ротор"-ы Уӕрӕсейы Кубокы

© 15-Й РЕГИОН"Алани Дзӕуджыхъӕу" рамбылдта "Ротор"-ы Уӕрӕсейы Кубокы
Алани Дзӕуджыхъӕу рамбылдта Ротор-ы Уӕрӕсейы Кубокы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъаст, кӕцы ацыд республикон стадион "Спартак"-ы 14 мин кӕсӕджы раз, балхынцъ ис 2:1 хыгъдӕй

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг футболон клуб "Алани Дзӕуджыхъӕу" ӕртыццӕджы изӕры Дзӕуджыхъӕуы рамбылдта фыццаг дивизоны лидертӕй иуы- волгоградаг "Ротор"-ы ӕмӕ ахызт Уӕрӕсейы Кубокы 1/16 финалмӕ, хъусын кӕны 15-ӕм регион.

Мӕскуыйаг Спартак бакӕндзӕн Дзӕуджыхъӕуы футболон скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕскуыйаг "Спартак" бакӕндзӕн Дзӕуджыхъӕуы футболон скъола

Хъаст, кӕцы ацыд республикон стадион "Спартак"-ы 14 мин кӕсӕджы раз, балхынцъ ис 2:1 хыгъдӕй.

Фыццаг размӕ рахызтысты уазджытӕ, уыдон бакодтой гол фыццаг таймы ӕмбисы. Цалдӕр минуты фӕстӕ, дзӕуджыхъӕуккаг командӕйы хъазӕг Хӕдӕрцаты Батрадз дӕр бакодта гол ӕмӕ хыгъд ссис 1:1. Дыккаг таймы Бутта Магамедов диссаджы цӕфӕй 30 метрӕй бакодта гол ӕмӕ уымӕй ӕрхаста уӕлахиз йӕ командӕйӕн.

Порталы информацимӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсейы Кубокы 1/16 финалы Дзӕуджыхъӕуы командӕ йӕхи зӕххыл хъаздзӕн премьер-лигӕйы клубтӕй иуимӕ - "Краснодар", "Локомотив", ЦСКА кӕнӕ "Зенит"-имӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0