Зындгонд уӕрӕсейаг блогер бавдыста киноныв Зӕгъойты Аланы тыххӕй

© КраСаваЗындгонд уӕрӕсейаг блогер бавдыста киноныв Зӕгъойты Аланы тыххӕй
Зындгонд уӕрӕсейаг блогер бавдыста киноныв Зӕгъойты Аланы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кинонывмӕ анонсы блогер банысан кодта, Зӕгъойты Алан кӕй у иууыл курдиатджындӕр ирон футболист фӕстаг дӕс азы

ЦХИНВАЛ, 3 окт - Sputnik. Раздӕры спортсмен ӕмӕ ныры зындгонд блогер Евгений Савин бавдыста киноныв мӕскуыйаг ӔЦСК ӕмӕ Уӕрӕсейы футболон командӕйы ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Аланы тыххӕй.

"Беслӕны фидыц ӕмӕ иууыл курдиатджындӕр ирон футболист фӕстаг дӕс азы", - ныффыста Савин кинонывы анонсы Instagram-ы.

Киноныв истой Дзӕуджыхъӕуы. Савин зӕрдиаг аныхас кодта футболисты ныййарджытӕ ӕмӕ йӕ фыццаг тренертӕй иуимӕ.

Аланимӕ Савин аскъӕрдта маршруткӕйыл Беслӕнӕй Дзӕуджыхъӕумӕ, ӕмӕ уымӕй ӕрыздӕхта Зӕгъойты Аланы сабийы бонтӕм. Футболист радзырдта йӕ сабийы бонтӕ, карьерӕ ӕмӕ травмӕты тыххӕй, афтӕ ма футболон клуб "Челси"-мӕ цӕннӕ ахызт, уый тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0