Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы хъӕдты зынгсирвӕзтты тӕссагдзинадӕй

Рафыссын
Хъӕдты зынгсирвӕзтты тӕссагдзинады фӕдыл цӕрджытӕ хъуамӕ уой хъусдараг ӕмӕ арӕхстджын хъӕды, цӕмӕй ма фӕзыной ссыгъдтӕ

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Ӕввахс ӕртӕ боны Цӕгат Ирыстоны хӕххон районты уыдзӕн хъӕдты зынгсирвӕзтты тӕссагдзинад, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).

"Цӕгат Ирыстоны синоптикты информацимӕ гӕсгӕ, 22-ӕй 24-ӕм октябрьмӕ республикӕйы хӕххон районты уыдзӕн хъӕды зынгсирвӕзтты стыр тӕссагдзинад (4 класс)", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уый фӕдыл уагдон хъусын кӕны, цӕрджытӕ кӕй хъуамӕ уой хъусдараг ӕмӕ арӕхстджын хъӕды, цӕмӕй ма фӕзыной зынгсирвӕзттӕ. Афтӕ ма ирвӕзынгӕнджытӕ тобӕ сӕвӕрдтой цӕуын хъӕдтӕм, кӕцыты территорийыл бакодтой сӕрмагонд режим зынгсирвӕзтты ныхмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0