ДИФ: дохтыртæ тох кæнынц сабийы цардыл, кæцы бахауд аварийы Транскамыл

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæКапельницæ
Капельницæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цалдæр хæдтулгæйы хайадистæй авари, кæцыйы бахаудысты дыууæ чысыл сывæллоны, æрцыд хуыцаубоны Транскамы æхсæзæм километрыл

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Цæгатирыстойнаг дохтыртæ ток кæнынц сывæллоны аирвæзын кæныныл, кæцы зиан баййæфта аварийы Транскавказаг автомагистралыл, хъусын кæны 15 регион.

Авари Транскамыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Трагеди Транскамыл: Ручъы тоннелы цур аварийы фæмард æвзонг лæппу

Хуыцаубоны Транскамы æхсæзæм километрыл кæрæдзийыл сæмбæлдысты цыппар хæдтулгæйы - Toyota Camry, ВАЗ 2107, ЛАДА Гранта æмæ Hyundai. Бæллæхы фæстиуæгæн LADA Granta-йы 35-аздзыд шофыр фæмард бынаты. Дыууæ сабийы - æхсæз æмæ авдаздзыд - райстой алыгъуызон уæззау цæфтæ.

Порталы информацимæ гæсгæ, сывæллæттæй иу - 2013 азы гуырд - райсгæ цæфтæй фæмард рынчындонмæ фæндагыл. Авдаздзыд чызг та ис уæззау уавæры, йæ цардыл тох кæнынц медиктæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0