Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы зӕйты ӕрцыды тасӕй

© Youtube / Magnus LindkvistЦӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы зӕйты ӕрцыды тасӕй
Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы зӕйты ӕрцыды тасӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны ӕвзӕр боныгъӕды фӕдыл ис штормон фӕдзӕхст зӕйты ӕрцыды тасы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) хъусын кӕнынц зӕйты ӕрцыды тасы тыххӕй республикӕйы 1,5 мин метрӕй бӕрзонддӕр хӕххон районты. УУМ пресс-службӕмӕ гӕсгӕ, зӕйтӕ рцӕуыны тӕссагдзинад уыдзӕн ӕртыццӕгӕй цыппӕрӕмы изӕрмӕ.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: Транскам сӕхгӕдтой зӕйты ӕрцыдӕй тасы тыххӕй

"Цӕгат Кавказы гидрометеорологийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Цӕгат Ирыстоны хӕххон районты тас у зӕйты ӕрцыдӕй. Штормон фӕдзӕхст уыдзӕн 2020 азы 6 февралы 18.00 сахатмӕ", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Амӕйразмӕ, дыццӕджы, тыхджын митуард ӕмӕ зӕйты ӕрцыды фӕдыл сӕхгӕдтой Транскавказаг автомагистраль, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы. Трассӕйыл змӕлд сног кодтой уыцы изӕр. Хуссар Ирыстоны УУМ дӕр фӕдзӕхсынц, ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй та гӕнӕн ис кӕй сӕхгӕной транспорты змӕлд Транскамы уылты.

Ног хабӕртты лентӕ
0