Бирӕ ӕзты дӕргъы ӕмбӕхст: фӕлывд сылгоймаджы Цӕгат Ирӕй ӕрцахстой Петербурджы

Рафыссын
Сылгоймаджы агуырдтой Цӕгат Ирыстоны динон организацийы ӕхцайы фӕрӕзтӕ хардз кӕныны тыххӕй, кӕцыты бӕрц уыд 2,2 милуан сомы

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik. Петербурджы барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ӕрурӕдтой Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг сылгоймаджы, кӕцыйы агуырдтой фараст азы дӕргъы, хъусын кӕны РИА Новости.

Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг басыгъта хӕдтулгӕ цалдӕр мин долларимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг басыгъта хӕдтулгӕ цалдӕр мин долларимӕ

Сылгоймаджы агуырдтой Цӕгат Ирыстоны динон организацийы ӕхцайы фӕрӕзтӕ хардз кӕныны тыххӕй, кӕцыты бӕрц уыд 2,2 милуан сомы.

Дзӕуджыхъӕуы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бакодтой уголовон хъуыддаг 47-аздзыд сылгоймаджы фӕдыл ӕхцайы фӕрӕзтӕ хардз кӕныны тыххӕй 2011 азы. Сылгоймаг ацыд рӕсттӕрхонӕй пластикон хиругты ӕххуысӕй пайда гӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕмбӕхст полицийӕ Уӕрӕсейы алыгъуызон регионты.

Ныртӕккӕ сылгоймаг ис Петербурджы полицийы дӕлхайӕдтӕй иуы, фӕдагуырд чи расидт, уымӕ арвыстой хъусинаг зӕрдӕхсайгӕйы ӕрцахсыны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0