Цӕгат Иры хӕхты фервӕзын кодтой Петербургаг альпинисты

Цӕгат Иры хӕхты фервӕзын кодтой Петербургаг альпинисты
Цӕгат Иры хӕхты фервӕзын кодтой Петербургаг альпинисты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Альпинист йе ‘мгаримӕ ӕххӕст кодта хӕрдмӕцыд Хъазбеджы хохмӕ, фӕлӕ бахаудта дурты бын ӕмӕ райста сӕры травмӕ

ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ирвӕзынгӕнджытӕ ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ фервӕзын кодтой альпинисты Санкт-Петербургӕй, кӕцы бахаудта дурты бын Хъӕрмӕдоны комы, хъусын кӕны ӕртыццӕджы Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) регионалон хайад.

Цау ӕрцыд дыццӕджы Уӕллаг хъӕрмӕдоны ваннӕты районы. Дыууӕ альпинисты ӕххӕст кодтой хӕрдӕцыд Хъазбеджы хохмӕ, уыдонӕй иу – Санкт-Петербурджы 23-аздзыд цӕрӕг – бахаудта дурты бын ӕмӕ райста сӕры травмӕ. Йе ‘мбал ӕрхызт коммӕ арӕнхъахъхъӕнджыты постмӕ ӕмӕ сын радзырдта цауы тыххӕй. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ фехъусын кодтой цауы фӕдыл УУМ-мӕ, ӕмӕ сӕхӕдӕг ацыдысты зианбаййафӕгӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Уырдӕм ацыд ирвӕзынгӕнджыты радгӕсон къорд дӕр.

"Зианбаййафӕджы ӕрхастой хохӕй ӕмӕ йӕ радтой тагъд ӕххуысы бригадӕмӕ. Медикты ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ уавӕр у стабилон уӕззау", - банысан кодтой УУМ.

Ног хабӕртты лентӕ
0