Уӕлахизы бон Дзӕуджыхъӕуы фыццаг хатт ацӕудзӕн уӕлдӕфон парад

© Sputnik / Vitaliy Timkiv /  Ахизын медиабанкмæВертолет
Вертолет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддон парады традицион хай ацы аз нӕ ацӕудзӕн арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты тыххӕй, кӕцытӕ баст сты коронавирусы пандемиимӕ

ЦХИНВАЛ, 29 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы бӕрӕгбоны историйы фыццаг хатт ацӕудзӕн уӕлдӕфон парад, ӕфсӕддон кады горӕт Дзӕуджыхъӕуы сӕрты атӕхдзӕн Хуссар ӕфсӕддон зылды авиацион къорд, хъусын кӕны ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Цхинвал: Уӕлахизы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны аргъӕвтой Уӕлахизы парад

Авиацийы атахт ацӕудзӕн 9 майы 10 сахатыл.

Ӕфсӕддон зылды банысан кодтой, Дзӕуджыхъӕуы сӕрмӕ атахты хайад райсдзысты авиацион къордтӕ хӕстон вертолеттыл Ми-28НМ "Ночной охотник", транспортон-хӕстон вертолеттыл Ми-35 ӕмӕ транспортон-штурмон вертолеттыл Ми-8АМТШ "Терминатор". 

Тӕхджытӕ ныридӕгӕн атахтысты Мӕздӕджы аэродроммӕ ӕмӕ райдыдтой тренировкӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0