Мӕскуыйы ирӕттӕ арвыстой Цӕгат Ирмӕ РВА ӕмӕ хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ

© Sputnik / Игорь Подгорный /  Ахизын медиабанкмæМӕскуыйы ирӕттӕ арвыстой Цӕгат Ирмӕ рӕуджыты вентиляцийы аппараттӕ ӕмӕ хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ
Мӕскуыйы ирӕттӕ арвыстой Цӕгат Ирмӕ рӕуджыты вентиляцийы аппараттӕ ӕмӕ хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны столицӕмӕ ӕрластой рӕуджыты вентиляцийы фондз аппараты ӕмӕ хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ дохтыртӕн – республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад сӕ байуардзӕн медицинон уагдӕттӕн

ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik. Мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ радтой Ирыстонӕн рӕуджыты вентиляцийы аппараттӕ, хъусын кӕны ӕхсӕнады пресс-службӕ.

Джӕуджыхъӕумӕ ныридӕгӕн ӕрластой рӕуджыты вентиляцийы фондз аппараты ӕмӕ хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ дохтыртӕн. Республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад сӕ байуардзӕн медицинон уагдӕттӕн.

"Иумӕйагӕй Ирыстонмӕ ӕрласдзысты рӕуджыты вентиляцийы 10 аппараты, 20 мин респираторы ӕмӕ 2800 хъахъхъӕнӕн костюмы дохтыртӕн, сӕ иумӕйаг аргъ у 30 милуан сомы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Роспотребнадзоры фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 1436 фӕрынчынуӕвӕджы, 10 адӕймаджы фӕмард сты, сӕ нымӕцы иу дохтыр.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 3,7 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 262 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0