Дзӕуджыхъӕуы не ‘руагътой теракт

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæӔдасдзинады федералон службӕ
Ӕдасдзинады федералон службӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы 30-аздзыд цӕрӕг фӕнд кодта спырх кӕнын хиарӕзт рӕмудзӕн ӕрмӕг административон бӕстыхӕйттӕй сӕ иуы раз

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕрцахстой территористон организаци "Пысылмон паддзахад"-ы фарслӕууӕджы, кӕцы нывӕндыд сӕххӕст кӕнын теракт, хъусын кӕны РИА Новости Ӕдасдзинады федералон службӕйыл (ӔРС) ӕнцойгӕнгӕйӕ.

"Дзӕуджыхъӕуы не ‘руагътой террористон акт. Ӕрцахстой Уӕрӕсейы 30-аздзыд ӕмбӕстаджы, кӕцы фӕнд кодта спырх кӕнын хиарӕзт рӕмудзӕн ӕрмӕг административон бӕстыхӕйттӕй сӕ иуы раз", - дзырдӕуы сӕрмагонд службӕйы хъусинаджы.

Теракты фӕстӕ фыдгӕнӕг нывӕндыд ацӕуын Ӕввахс Ныгуылӕнмӕ, цӕмӕй хайад иса ӕхсӕнадӕмон террористон организаци "ИГИЛ"-ы архайды.

Терроризмы ныхмæ ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры цæуынц терроризмы ныхмæ ахуыртæ

Басгӕрсты рӕстӕджы фыдгӕнӕгмӕ ссардтой хиарӕзт рӕмудзӕн ӕрмӕджы компоненттӕ. Афтӕ ма йӕм ссардтой фыстӕджытӕ "Пысылмон паддзахад"-ы хайадисджытимӕ, кӕцытӕ сты фӕсарӕнты.

Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бакодтой уголовон хъуыддаг "Террористон организацийы архайды хайад исыны" статьямӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0