17 ног рынчыны: коронавирусимӕ уавӕр Цӕгат Иры

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 4804 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 4302 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 67 амардысты

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы дӕргъы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 17 ног рынчыны. Къуырисӕры райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 4804 адӕймаджы, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног рынчынтӕ нӕй: Югосетпотребнадзор коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

- 383 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 32 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 4322 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 67 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 23 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 808 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0