Цӕгат Иры рабӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 31 ног рынчыны

© Sputnik / Ольга Смольская /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 5311 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 4625 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 68 амардысты

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 31 ног рынчыны. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 5311, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Югосетпотребнадзор: коронавирусӕй ног рынчынтӕ нӕй, карантины сты ӕрдӕг сӕдӕ адӕймаджы

- 575 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 43 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 4625 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 68 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 28 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 920 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0