COVID-19-имæ уавæр Цæгат Иры: ноджы иу адæймаг амард инфекцийæ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19-имæ уавæр Цæгат Иры
COVID-19-имæ уавæр Цæгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коронавирусы амæттаг бацис Медицинон академийы клиникон рынчындоны ревматологион хайады дохтыр. Сылгоймаджы амæлæты аххосæгтæ ссисты, коронавирус йæ фæстæ цы низтæ расайдта, уыдон

ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны "Роспотребнадзоры" бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы фæстаг суткæйы дæргъы рабæрæг кодтой коронавирусæй 34 ног фæрынчынуæвæджы, ноджы иу адæймаг та COVID-19 диагнозимæ фæзиан. Уый адыл, æртыццæджы райсоммæ рынчынты иумæйаг нымæц ахызт 5853 онг, инфекци ахаста 70 адæймаджы цард.

15 регион куыд хъусын кæны, афтæмæй коронавирусы амæттаг бацис Медицинон академийы клиникон рынчындоны ревматологион хайады дохтыр. Сылгоймаджы амæлæты аххосæгтæ ссисты, коронавирус йæ фæстæ цы низтæ расайдта, уыдон.

Уымæй дарддæр:

- амбулаторон хоскæнынадыл сты 739 адæймаджы

- республикæйы медуагдæтты хос кæнынц 25 адæймагæн

- сæнæниз сты 5019 адæймаджы

- амардысты 70 адæймаджы

Коронавирусы тынгдæр апарахаты рейтингы Уæрæсе ис цыппæрæм бынаты АИШ, Инди æмæ Бразилийы фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0