Роспотребнадзоры радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй Цӕгат Иры

© AFP 2022 / JORGE GUERREROКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 6180 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 5277 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 70 амардысты

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 38 ног рынчыны. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 6180, фехъусын кодтой майрӕмбоны Роспотребнадзоры.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой аст рынчыны коронавирусӕй

- 817 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 16 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 5277 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 70 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 36 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0