Дзæуджыхъæуы цæрæгмæ æнхъæлмæ кæсы 15 азы ахæст йæ бинойнаджы амарыны тыххæй

Рафыссын
Фæдысгæрсты рагзагъдмæ гæсгæ, 9 августы нæлгоймаг, йæхи хæдзары уæвгæйæ, йæ бинойнагимæ фæбыцæу æмæ йын йæ риуыстæг кардæй барæхуыста

ЦХИНВАЛ, 9 окт— Sputnik. Цæгат Ирыстоны 64-аздзыд нæлгоймаг æрлæудзæн тæрхондоны раз йæ бинойнаджы амарыны тыххæй, хъусын кæны 15 регион.

Хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй Затеречный районы прокурор сфидар кодта пенсионеры аххосгæнæг хатдзæг уголовон хъуыддагмæ гæсгæ. Уый аххосджынгонд æрцыд фыдракæнды 105 ст. 1 хаймæ (лæгмард) гæсгæ.

"Фæдысгæрсты рагзагъдмæ гæсгæ, 2020 азы 9 августы нæлгоймаг, йæхи хæдзары уæвгæйæ, йæ бинойнагимæ фæбыцæу æмæ йын йæ риуыстæг кардæй барæхуыста, уыйадыл уыцы бон амард Цæгат-Кавказаг бирæпрофилон медицинон центры. Уголовон хъуыддаг æрвыст æрцыд Дзæуджыхъæуы Советон районы тæрхондонмæ", - хъусын кæны портал прокуратурæйы пресс-службæйы информаци.

Ацы фыдракæнды тыххæй рагзагъд цæуы æфхæрд — 6 азæй 15 азы онг æмгъуыд, сæрибардзинады гæрæнимæ — 2 азы онг, кæнæ æнæ уымæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0