Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Рынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт республикӕйы рабӕрӕг кодтой 8390 рынчыны COVID-19-ӕй, уыдонӕй 7480 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 73 рынчыны амардысты

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой 72 ног рынчыны COVID-19-ӕй. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц къуырисӕры райсоммӕ схызт 8390 адӕймагмӕ, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

- 498 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 339 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 7480 адӕймаджы сӕнӕнниз сты.

- 73 адӕймаджы амардысты.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.

Ног хабӕртты лентӕ
0